Текст песни
Мæй рухс асырдта талынджы
Быдыртæй кæмтты нарджытæй
Зæлынц къолхозон хъал уынджы
Уарзоны сусæг зарджытæ
Цы кæнон æз, куыд ма цæрон
Пиллæтæ калынц цæхæртæ
Чызгай дæ рынтæ бахæрон
Мæ уд дæ баззад, мæ зæрдæ
Мæ азмæ рыст куыд хъус кæнон?
Фæстæмæ дæр куы нал кæсыс!
Кæдæм кæсыс мæ урс бæллон?
Мæ зæрдæ мын кæдæм хæссыс?
Цы кæнон æз, куыд ма цæрон
Пиллæтæ калынц цæхæртæ
Чызгай дæ рынтæ бахæрон
Мæ уд дæ баззад, мæ зæрдæ
Байхъус ма мæм мæ хуры хай
Дурзæрдæ ма у, цавæр дæ?
Æвæццæгæн рæссугъд чызгай
Ды ме ‘намондæн райгуырдтæ
Цы кæнон æз, куыд ма цæрон
Пиллæтæ калынц цæхæртæ
Чызгай дæ рынтæ бахæрон
Мæ уд дæ баззад, мæ зæрдæ