Перейти к содержимому
Обложка трека Дыууа балоны — Секинаева Альбина
3:26

Трек

Секинаева Альбина Дыууа балоны

Сингл · 2026 · Этническая

Скачать

Текст песни

Сӕрдыгон хур бон
Къæвдайы фæстæ
Куыд райы зæрдæ
Куыд райы бæстæ
Дыууæ бæлоны
Къæвдайы доны
Сæхи куы найынц
Сæ урс базыртæ
Йæ хъæрмуст малы
Рæвдаугæ фасынц
Уарзондзинад у сыгъдӕг суадон Сӕрды ӕнтӕфы
Дыууӕ ӕхсинӕн йӕ рухс уылӕнты Сӕ дойны сӕфы

Æрдхæрæн фæуай сæрдыгон æхсæв
Ныззылд нæ кæрты нӕртон чындзæхсæв
Æрбахызт ног чындз
Йӕ ног бинонтæн
Сӕ рухс къӕсӕртӕй
Лæвар сын кӕндзӕн
Ӕнусон амонд
Рӕсугъд кӕстӕртӕ
Мыгкаг нæм буц у
Йæ фырты фырттæй
Йæ фырты фырттæй
Чызджы цæгaт та
Йæ хæрæфырттæй
Йæ хæрæфырттæй

О, дунескӕнӕг
Хуыцӕутты Хуыцау
Дӕумӕ ӕрвитӕм
Нæ рæсугъд хуындзау
Уæларвыл бадæг
Нæ Иры зæдтæ
Нæ Иры зæдтæ
Нæ бӕрзонд хæхтыл
Уæ кувæндæттæ
Уæ кувæндæттæ
Уарзондзинад у зӕрдӕты паддзах
Хуыцауы лӕвар
Дыууӕ кӕстӕры сӕ царды фӕндаг
Кӕнынц уый дӕлбар

Уарзондзинад у сыгъдӕг суадон
Сӕрды ӕнтӕфы
Дыууӕ бӕлонӕн йӕ рухс уылӕнты
Сӕ дойны сӕфы

Уарзондзинад у зӕрдӕты паддзах
Хуыцауы лӕвар
Дыууӕ кӕстӕры сӕ царды фӕндаг
Кӕнынц уый дӕлбар

0:00 0:00