Текст песни
Зымæг урс-урсид нымæтæй зæхх æрæмбæрзта
Рог тъыфылтæй сонт ныхæсты фæд æрæмбæхста
Æз, мæ худгæ хур, дæ уындмæ уалдзæгау кæсын
Дидинджыты баст дæ номыл зæрдæйы хæссын
Арвы риу цæхæрæфтыдæй рухс кæндзæни мæй
Фервæздзæн мæ дзæгъæл дуне сагъæсты фæлмæй
Стъалы-фæрдгуыты рæдзæгъдтæй фарн йæ хал кæны
Найы сæ æхсыры цадау миты хъæпæны
У мæ къонайы рæбын æнæ дæу ихын галуанау
Дымгæйы къуыззитт мæ хъустыл уайы айуанау
Цæй-ма, ныр кæм дæ, цы фæдæ? Къухты хъарм фæцыд
Ихæн сифтыгъта йæ фæттæ! Тагъд фæкæн дæ цыд