Текст песни
Денджызы науау ме’фсæн бæх тулы
Мæнæуы хуымтыл.
Мæй мæм уæларвæй йæ цæст ныкъкъулы,
Цæуылдæр худы гъей
Кæд мын базыдта
Мæ зæрдæйы фæндтæ…
Нанайы рæсугъд, мæ зарæг ды кæй дæ.
Уæлæ мæй, курын, аивæй бакæс
Чызгайы уатмæ гъей
Фæдзур мæ бæсты мæ сагъæс уымæн,
Мысын æй дардмæ гъей.
Зæгъ ын иу æргом
Мæ зæрдæйы фæндтæ…
Нанайы рæсугъд, мæ зæрдæйы кæй дæ.