Текст песни
Нæ цард ци дессаг æй
Уарзтæй нин федауй
Цард ци дзæбæх æй
Уарзтæй федар æй
Кай зонуй мæ зар
Цæбæл дзорæг æй
Кадæр си æ цард æримиссæнæй
Ду мæ зæрдæ дæ
Мæ уодæн йæ хай
Ду мæ изæд дæ
Мæ царди æнкьай
Уарзондзийнадæй цард фæфедауй
Уарзондзийнадæ зæрдæ лæдæруй
Лигьз дзурдæй басайдтай ду мæн
Дæ фæлмæн каст муд æй зæрдæн
Искодтай мæ уодмæ лигьз над
Дидинæг ракалдта мæ цард
Аллы бон дæ уындмæ бæллын
Адунейыл дæу агурын
Дæ фæлгонц мæ зæрды лæууы
Дæ бакастæй бон ныррухс вæййы
Зонун æй ду уарзис зæрдæй
Фалæ римæхсис æй мæнæй
Дæ еу бакастæй бæрæг æй
Дæ царди нифс дæр мæн цард æй
Ду мæ зæрдæ дæ
Мæ уодæн йæ хай
Ду мæ изæд дæ
Мæ царди æнкьай
Уарзондзийнадæй цард фæфедауй
Уарзондзийнадæ зæрдæ лæдæруй
Уарзондзийнадæ ци дессaг æдæ
Уарзондзийнадæ ци рæсугьд æдæ
Æнæ дæуæй цард æведауцæ æй
Æнæ дæуæй цард хъæбæр мæтьæл æй